ХӔЗ-ы снайпертӕ скуынӕг кодтой "террористты" Хуссар Иры

Хуссар Ирыстоны полигоныл уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ бакуыстой дард дистанцимӕ ӕхсыныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг базӕйы снайпертӕ бакуыстой Дзарцъемы полигоныл дард дистанцимӕ ӕхсыныл, хъусын кӕны РИА Новости. Ахуырты хайад райстой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы 300 службӕгӕнӕджы.

"Хуссар Ирыстоны Хуссар ӕфсӕддон зылды уӕрӕсейаг базӕйы снайпертӕ бакуыстой дард дистанцитӕм ӕхсыныл", — фехъусын кодта Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг снайпертӕ скуынӕг кодтой дзырдгонд террористты дард дистанцитӕм. Афтӕ ма ахуырты пайда кодтой разӕсгарджыты техникон ӕмӕ сӕрмагонд фӕрӕзтӕй.