Уæййаг бизнес Знауыры: "базырджын" продукт æмæ урсаджы рауагъдад

Бынæттон бренд "Знаур"-ы хæлцад - æхсыр, цыхт, нæлхæ, хъаймагъ, къæдор æмæ мацъони сты фæтарыæввонг, амалиуæггæнæг фæнд кæнын ныууæй кæнын йæ бизнес
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы фермерон хæдзарад "Знаур"-ы хицау Гобозты Алан æрхъавыд йæ амалиуæгад ныууæй кæнын — фермер бафæллад кредитты бæрзонд проценттæ фидын æмæ æлхæнджытыл тохæй. Нырма "Знаур" уæй кæны рæвдуан, кæрчытæ æмæ натуралон урсаджы хæлцад, фæлæ уый дæр фæстæдæр, æвæццæгæн, ныллæудзæн.

Уæййаг бизнес

Фермерон хæдзарад "Знаур"-ы бардарæг Гобозты Алан 2005 азæй фæстæмæ архайы хъæууон хæдзарады фадыжы — скодта стыр фермæтæ, кæркдæттæ, сарæзта урсаджы продукцийы рауагъдад. Бизнес фæцъæмæл ис 2008 азы – хæст æрзиан кодта амалиуæгадæн.

Фермерское хозяйство "Знаурское молоко"
Куыстуарзаг лӕппу та фæстæмæ бафæлвӕрдта æмæ рауӕрæх кодта йæ куыст. Фæлæ ныридæгæн йæ къухтæ ауагъта — уæй кæны йæ бизнес хайгай.

"Фермæйы ис ныридæгæн 63 стуры, цалдæр дзы ауæй кодтон, аннæтæн дæр сæ кæрон уырдæм цæуы. Бафæлладтæн тох кæнын, ис мын егъау проценттимæ кредит, уый фидын хъæуы. Амалиуæгадтæн цы кредиттæ дæттынц, уыдонӕй хъавыдтæн райсын, фæлæ дзы хъæуы ныууадзын фæдзæхсты исад, мæнæн та иууылдæр сты лæвæрдгонд иннæ кредит исгæйæ. Амалиуæгады та æхца куыннæ ‘вæрай, уæд размæ нæ цæуы", — дзуры фермер.

Амалиуæггæнæджы проблемӕтæй ма иу у йæ продукцийы æлхæнæг ссарын. Фермерон хæдзарад бон исы 400 литры бæрц æхсыр, уымæн æнæ ‘фтауæнтæй йæ "царды æмгъуыд" у цыбыр, уымæ гæсгæ хатгай фæвæййы ӕнæхъуаджы æмæ ацæуы къæдоры рауагъдадмæ.

Фермерское хозяйство "Знаурское молоко"

"Туаг æхсырмæ ног æхсыр бафтаугæйæ аразæм къæдор. Сæрмагонд ифтонгад алцыдæр йæхæдæг кæны. Нӕ продукцийы хорздзинад уый мидæг ис æмæ сæм уæлæмхасæй ницы æфтауæм, иууылдæр сты пайдахæссæг", — загъта амалиуæггæнæг.

Урсаджы продукци

Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары ӕрмӕстдӕр дыууæ дуканийы балхæнæн ис бынæттон фирмæйы урсаджы продукци, уыдон ардæм хæццæ кæнынц Знауыры районæй, æнгæс номимæ фермерон хæдзарад "Знаур"-æй.

Фермерское хозяйство "Знаурское молоко"

"Фондз хуызы хæлцад — ӕхсыр, цыхт, нæлхæ, хъаймагъ, къæдор æмæ мацъони сты Харебаты Исахъы æмæ 8-æм июны уынгтыл уæвæг базарадон объекты тæрхджытыл. Урсаджы рауагъдады хатæнæн æппæт уавæртæ дæр сарæзтам – санитарон лампочкӕтæ бакодтам, уазалгæнæнтæ самал кодтам, хъарм ӕмӕ уазал донæй ифтонг стæм", — ранымадта Гобозты Алан.

"Базырджын" амалиуӕгад

Гобозты Аланы хъомдӕтты рахис фарс та лæууынц кæркдæттæ, æхгæд агъуыстæй дарддæр маргъæн ис стыр цæхæрадон тезгъойæн. Чысыл урс кæрчытæ, нымæцæй 500 бæрц, сты сæрмагонд рӕвдуанхæссаг мыггаг.

"Иу рæстæджы мын уыд 4500 æфтауаг карчы, фæндыд нӕ рӕвдуӕттӕ сабидæтæм, æфсæддон уагдӕттæм дæттаин, фæлæ нæ рацыд уый дæр. Йæ хæрдзтæ нымайгæйæ иу рӕвдуан уæй кодтон фондз сомыл, ууыл та не сразы сты æмæ ӕз дӕр мӕ кӕрчыты 700-йыл банцайын кодтон", — бафтыдта уый.

Фермерское хозяйство "Знаурское молоко"

Фермерон хæдзарад ис районы тæккæ центры. Кусы дзы цалдӕр сылгоймаджы.Æмрæстæджы куыст цæуы фермæты дæр, уым та архайынц нӕлгоймӕгтӕ. Ныр уыдон дæр сты катайаг – тæрсынц, сæ рауагъдад уӕй куы ӕрцӕуа ӕмӕ та сӕ куысты бынӕттӕ агурын куы бахъӕуа. Куыст ссарын та ныры дуджы республикӕйы ӕнцон нӕу.

Фермерское хозяйство "Знаурское молоко"