Хуссар Иры боксы командæ стох кæндзæн Минводты турниры

Æмбырдгонд командæйы скондмæ бацыдысты Сывæллæтты æмæ æрыгон фæсивæды боксы скъолайы æмæ спорты галуан "Олимп"-ы боксы секцийы хъомылгæнинæгтæ, æдæппæт 14 лæппуйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æрыгон боксерты æмбырдгонд командæ æртыццæджы афæндараст ис номдзыд тренер Поповы номарæн гуырахстджын гом турнирмæ Минводтæм.

Цхинвайлаг боксер рамбылдта æхсæнадæмон турнир Абхазы

Æмбырдгонд командæйы скондмæ бацыдысты Сывæллæтты æмæ æрыгон фæсивæды боксы скъолайы æмæ спорты галуан "Олимп"-ы боксы секцийы хъомылгæнинæгтæ — æдæппæт 14 лæппуйы.

"Тренерты скъуыддзагмæ гæсгæ æвзæрст æрцыдысты 2003-2004 æмæ 2005-20006 азы гуырд боксерты ʻхсæн цæттæдæр лæппутæ", — загъта тренер Дзигойты Ацæмæз.

Тохтæ цæудзысты 11-13 октябры. Командæйы сконды сты: Ӕлборты Сослан, Зæгъойты Алан, Аль-Дамари Алан, Гæджиты Гурам, Багаты Марат, Гæбæраты Ирбег, Джиголаты Денис, Пухаты Хетæг, Бабаты Станислав, Къæбысты Георгий, Уалыты Сослан, Джиоты Арсен, Хъæцлæуты Рауль æмæ Дзахойты Дмитрий.