Хуссар Иры Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ауагътой рейдтӕ

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ауагътой рейдтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной фӕндагон змӕлды фӕткхалдтӕ ӕмӕ нозтджын шофырты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ауагътой рейдон мадзӕлттӕ фӕндӕгтыл. Басгӕрсты рӕстӕджы ахсджиаг фехӕлдтӕ не сбӕрӕг кодтой, фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

"Дыууӕ экипаж патруль кодтой горӕты фӕндӕгтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной фӕндагон змӕлды фӕткхалдтӕ ӕмӕ шофырты, кӕцытӕ скъӕрынц хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Рейдты нысаниуӕг у сӕххӕст кӕнын фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад, фӕцъусдӕр кӕнын ФТЦ-ты нымӕц, афтӕ ма сбӕрӕг кӕнын хӕцӕнгарз ӕмӕ наркотикон буарадты ӕнӕзаконон зылд, бафтыдтой уагдоны.

1 / 2
Рейдтӕ Цхинвалы
2 / 2
Рейдтӕ Цхинвалы