Хуссар Иры ӕрмкусджыты ссӕрибар кӕндзысты хъалон фидынӕй

Депутатты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы мадзӕлттӕ баххуыс кӕндзысты амалиуӕггӕнджытӕн фӕцайдагъ уын базары
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы бараст фадат ратдзӕн ӕрмкусджытӕн ма фидын хъалон паддзахадон бюджетмӕ. Ацы хъӕппӕрис рахаста бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитет, фехъусын кодтой закондӕттӕн органы пресс-службӕйы.

Сирийы парламент сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады бадзырд

"Республикӕйы хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм амалиуӕггӕнджытӕн, кӕцытӕ архайынц адӕмон аивадон ӕрмиадты райрӕзт ӕмӕ популяризацийыл", — загъта комитеты сӕрдар Коцты Жанна.

Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы мадзӕлттӕ ратдзысты фадат амалиуӕггӕнджытӕн, кӕцытӕ размӕ кӕнынц традицион аивад, фӕцайдагъ уын базары.

Законы проектмӕ фӕнд кӕнынц ӕркӕсын парламенты президиумы ӕввахсдӕр рабадты.