Ирон дзюдоист ссис Уæрæсейы чемпионаты æвзист призер

Финалмæ фæндагыл Галуаты Феликсы къухы бафтыд цыппар фидар уæлахизы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Цæгатирыстойнаг дзюдоист Галуаты Феликс ссис дзюдойæ Уæрæсейы чемпионаты æвзист призер, хъусын кæны 15 регион.

Грозныйы цæуы дзюдойæ Уæрæсейы чемпионат нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты "хсæн.

"Ерысты дыккаг боны хатдзæгтæм гæсгæ турниры æвзист хорзæх 73 кг онг уæзы категорийы рамбылдта Галуаты Феликс. Финалмæ фæндагыл ирон спортсмены къухы бафтыд цыппар фидар уæлахизы. Сыгъзæрин майданыл тохы Феликсыл фæуæлахиз ис цæцæйнаг Лечи Эдиев", — дзырдæуы хъусинаджы.

Æппæтæй Цæгат Ирыстоны командæйы сконды архадтой 20 спортсмены.