Поэтессæ Чехойты Оля йæ премийы фæрæзтæ радта Цхинвалы рынчын сывæллæттæн

Майрæмбоны Цхинвалы ацыд Джусойты Нафийы æртыккаг премийы лауреатты хорзæх кæныны церемони, премийы фыццаг лауреат ссис поэтесса Чехойты Оля
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор Джусойты Нафийы номыл 2017-2018 æзты национ литературон премийы конкурсы фыццаг лауреат Чехойты Оля йæ премийы фæрæзтæ радта Цхинвалы рынчын сывæллæттæн, уый тыххæй фыссæг фехъусын кодта церемонийы рæстæджы.

Уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты ӕхцайы премитӕй — фыццаг бынатӕн лӕвӕрд ӕрцыд 150 мин сомы, дыккагӕн — 100 мин сомы, ӕртыккагӕн та — 50 мин сомы.

"Абон мах хъуамæ лæггад кæнæм нæ кæстæртæн, сæ зындзинæдтæ сын уынæм. Ӕз зонын Цхинвалы ис дыууæ тынг уæззау рынчын сывæллон – цыппараздзыд Дзæгъиаты Алан æмæ авдаздзыд чызг, кæцыйæн йæ нывтæ сты горæты конд. Ӕз Нафийы хуызæн адæймагæн йæ премийы хицау кæй дæн, уый мæнæн стыр кад у. Фæнды мæ Нафийы номыл мын цы стыр лæвар радтат, уый адих кæнон уыдонимæ", — загъта премийы фыццаг лауреат Чехойты Оля.

Миланайы тыххæй: Хуссар æмæ Цæгат Иры рэпертæ хонынц хæрзаудæн концертмæ

Чехойты Оляйæ дарддæр ма 2017-2018 æзты премийы лауреаттæ ссисты газет "Рæстдзинад"-ы уацхæссæг Хетæгкаты Оксана æмæ поэт Хохойты Энвер. Ацы аз ма сæрмагонд премийæ рахицæн кодтой абхазаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Геннадий Аламиайы, кæцы раивта абхазаг æвзагмæХетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр".

Ивгъуыд æзты премийы лауреаттæ уыдысты Джыккайты Шамиль, Наниты Асиат æмæ æндæртæ.

Джусойты Нафийы æрвылазон преми лæвæрд цæуы ныр æртыккаг хатт. Конкурс фыццаг хатт расидт 2015 азы хӕрзаудӕн фонд "Амонд", кӕцы сарӕзта РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.