ХИПУ-йы студенттæ райстой Плиты Грисы премитæ

Хорзæхтæ радтой ирон филологийы студенттæ Папашвили Александр æмæ Нарыкъаты Таира
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ирон филологийы дыууæ студенты хорзæхджын æрцыдысты зынгæ ирон поэт, тæлмацгæнæг æмæ драматург Плиты Грисы номыл премитæй.

Хорзæхкæныны церемони ацыд ХИПУ-йы актон залы майрæмбоны. Плиты Грисы премитæй хорзæхджын æрцыдысты ирон филологийы студенттæ — Папашвили Александр æмæ Нарыкъаты Таира. Ноджы ма цалдæр студенты та рахицæн кодтой грамотатæй. Уæлдæр ахуыргæнæн уагдоны ахуырдзаутæн премитæ радта ирон кафедрайы доцент, Джусойты Нафийы мады зæнæг Клавдия.

Цхинвалы радтой Плиты Грисы преми

"Ирон филологи куыннæ уа, уæд Хуссар Ирыстон дæр нæ уыдзæн æмæ Цæгат Ирыстон дæр. Ацы дыууæ факультет цæгаты æмæ хуссары дæр сты ирон удварны бындур æмæ сын хъæуы сæрмагонд аргъ кæнын. Тынг æхсызгон мын у Плиты Грисы премийы лауреаттæ кæй сты ирон филологийы студенттæ", — загъта Джусойты Клавдия хорзæхкæныны церемонийы рæстæджы.

Плиты Грисы æрвылазон преми лæвæрд цæуы хӕрзаудӕн фонд "Амонд"-ы хъæппæрисæй. Премийæ рахицæн кæнынц студентты æмæ ахуыргæнджыты, ацы аз ахуыргæнджыты схорзæхджын кæндзысты фæстæдæр.

Цхинвалы радтой Нафийы премитæ

"Плиты Грисæн стыр кад кæнынц Цæгат Ирыстоны дæр, Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу хæссы йæ ном. Ирон факультет ныффыста республикæйы хицау Битарты Вячеславмæ æмæ йын йæ номыл скодтой республикон стипенди. Ахæм стипенди нæ фæнды саразын Нафийы номыл дæр", — загъта ЦИПУ-йы ирон филологийы декан Хозиты Борис йæ раныхасы.

Плиты Грис райгуырд 15 октябры 1913 азы Хуссар Ирыстоны Ручъы хъæуы. 1920 азы, гуырдзиаг меньшевикты æрбабырсты рæстæджы алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Грис ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон техникуммæ, стæй каст фæцис Мæскуыйы театралон аивады институт. Уый фæстæ Грис ацыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцыд æртæ орден æмæ бирæ майдантæй. Цалдæр хатты уыд цæф. Хæсты фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны драмтеатры директорæй, журнал "Мах дуг"-ы бæрнон редакторæй.