Керчы колледжы теракты фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 18 адӕймаджы

Адӕмы мӕлӕты тыххӕй Хъырымы расидтысты фыдохы бонтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Керчы колледжы ӕрцыд рӕмудзӕн ӕрмӕджы фехӕлд, фехъусын кодтой РИА Новости Террористы ныхмӕ националон комитеты.

Рӕмудзӕн ӕрмӕг фехӕлд ӕртыццӕджы бонӕй Керчы политехникон колледжы хӕрӕндоны. Цауы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг "Террористон акт".

"Керчы ӕрцыд ӕбӕрӕг рӕмудзӕн ӕрмӕджы фехӕлд. Фӕмард сты 18 адӕймаджы, зиан баййӕфтой ноджы 50", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цауы фӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин банхъардта аласын теракты зианбаййафджыты Уӕрӕсейы хуыздӕр рынчындӕттӕм.

Хъырымы расидтысты фыдохы бонтӕ.