Хуссар Иры тыхон структурӕты кусджытӕ бацахстой призон бынӕттӕ ОДКБ Кубокы

ОДКБ паддзахадты сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты кусджыты ӕхсӕн турнир цыд Звенигороды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты командӕйы хайадисджытӕ бацахстой призон бынӕттӕ ОДКБ Кубокы ӕхсӕнадӕмон турниры комплексон ӕмтохӕдтӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы комплексон ӕмтохӕдты федерацийы президент Тедеты Сослан.

Хуссар Иры МСНК кусӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ равдыста ӕхсынӕй Дзӕуджыхъӕуы

ОДКБ паддзахадты сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты кусджыты ӕхсӕн турнир цыд Звенигороды.

"Ерысты бронзӕйон призертӕ ссисты Паддзахадон хъахъхъӕнынады кусӕг Лолоты Артур, афтӕ ма Хуыбиаты Марат — Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусӕг. Лолоты Артур тох кодта призон бынатыл цъӕл ӕнгуылдзимӕ. Ноджы ма иу ирон спортсмен, Дзабиты Русланы дохтыртӕ систой турнирӕй йӕ къахы травмӕйы тыххӕй", — радзырдта Тедеты Сослан.

Федерацийы президент фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Дзабиты Руслан ӕмӕ Лолоты Артуры рахицӕн кодтой грамотатӕй "За волю к победе".

"Ахӕм ерыстӕ дӕттынц хорз фадат спортсментӕн сӕ тых ӕмӕ дӕсниад равдисын. Алкӕцы турниры дӕр нӕ спортсментӕ бацахсынц призон бынӕттӕ", — загъта Тедеты Сослан.

Афтӕ ма Тедеты Сослан бафтыдта, зӕгъгӕ, спортсментӕн турниры хайад райсынӕн баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны командӕ хайад исы турниры 2008 азӕй фӕстӕмӕ, ерысты фыццаг призер уыд Лолоты Александр.