Цхинвалы ӕртаджы дефицит аиуварс кӕндзысты дыууӕ бонмӕ

Экономикӕйы министр банысан кодта, зӕгъгӕ, иннӕ азы райдайӕны ӕртаджы ӕргътӕ уыдзысты стабилон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны бензины дефицит аиуварс кӕндзысты дыууӕ бонмӕ, загъта Sputnik экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий.

Майрӕмбоны паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртаджы станцы рады лӕууыдысты бирӕ хӕдтулгӕтӕ. Шофыртӕ хъаст кӕнынц ӕртаджы цухдзинадӕй.

Очередь на заправке в Цхинвале

"Бензин кӕй нӕ фаг кӕны, уый мах аххос нӕу. Роснефть нӕ бадзырдта РЖД-имӕ ӕмӕ уый тыххӕй нефтепродукциимӕ вагӕттӕ не 'рцыдысты Дзӕуджыхъӕумӕ. Дыууӕ бонмӕ проблемӕ аиуварс кӕндзыстӕм", — баныфсӕвӕрдта Кокойты Геннадий.

Министр банысан кодта, зӕгъгӕ, хуссарирыстойнаг шофыртӕн ӕртаджы аргъ уыдзӕн 40 сомы паддзахадон уагдӕттӕн ӕмӕ 38 сомы та сӕрмагонд клиенттӕн.

Бензины гъӕд ӕмӕ ӕртаджы ӕргътыл ӕрдзырдтой Sputnik-ы

Дизелон ӕртаджы аргъ у 46 сомы. Фӕлӕ Кокойты Геннадий бафтыдта, азы кӕрӕттӕм ӕргътӕ кӕй схиздзысты.

Афтӕ ма уый бафтыдта, иннӕ азы райдайӕны ӕртаджы ӕргътӕ кӕй уыдзысты стабилон.

Амӕйразмӕ нефтебазӕйы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Джыгкайты Сослан радзырдта, Хуссар Ирыстоны ӕртаджы фӕлхас кӕй фылдӕр кӕны.

"Югосетнефтепродукт" 2014 азӕй фӕстӕмӕ у нефтепродуктты официалон импортер паддзахадон куыстуат ӕмӕ компани "Роснефть"-имӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ.