Цхинвалы байгом ис Хъотайты Григорийы номыл хӕрзаудӕн фонд

Фонды программӕйы сты культурӕ, аивад, зонад ӕмӕ ахуырады фадыджы проекттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны Хъотайты Григорийы номыл культурӕйы фыццаг хӕрзаудӕн фонд сарӕзтой номдзыд нывгӕнӕджы бинонтӕ — мастеры бинойнаг Челӕхсаты Екатерина ӕмӕ йӕ чызджытӕ Хъотайты Алла ӕмӕ Елена.

Фонды сӕргълӕууӕг Хъотайты Елена радзырдта, фыццаг ӕмбырды рӕстӕджы кӕй сбӕрӕг кодтой къухдариуӕгады органтӕ ӕмӕ хайадисджыты ӕххӕстбартӕ.

"Программӕйы сты культурӕ, аивад, зонад ӕмӕ ахуырады фадыджы объекттӕ. Мӕ фыд ӕнӕхъӕн цард размӕ кодта национ культурӕйы фарстытӕ. Йӕ коллегӕтимӕ уый бакодта Советон культурӕйы фонды Хуссарирыстойнаг хайад. Бирӕ ӕзты уыд Культурӕйы университеты ректор. Нӕ мады рагӕй фӕндыд саразын фонд, ӕмӕ мӕ хоимӕ йӕ фарсмӕ балӕууыдыстӕм", — радзырдта Хъотайты Елена.

Фӕстагмӕ уый банысан кодта, зӕгъгӕ, фонд арӕзт ӕрцыд йӕ фыд ӕмӕ йӕ архайды мысӕнӕн.

1 / 1
Хъотайты Григорийы номыл хӕрзаудӕн фонд