ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмæ сног кодтой æртаджы ласт, æртагкæнæн станцтæ скуыстой æппæт гуырахстæй паддзахадон уагдæттæн æмæ адæмæн, загъта Sputnik "Югосетнефтепродукт"-ы директоры хæстæ æххæстгæнæг Джыгкайты Сослан.
Хуссарирыстойнаг шофыртæн цалдæр бон фадат нæ уыд æртаг ныккæнын паддзахадон станцты æмæ хисæрмагонд амалиуæггæнджытæм. Экономикон рæзты министр Кокойты Геннадий уæд проблемæ сбаста Уæрæсейы территорийыл æртаг ласыны фæстиæттимæ.
"Ӕртаджы кризис иуварс æрцыд. Знонæй паддзахадон æртагкæнæн æмæ цалдæр хисæрмагонд станцты фæзынд продукци", — Джыгкайты Сослан.
Уый ма банысан кодта, дыууæ вагон ноджы кæй сты фæндагыл æмæ дыццæгæй æртаг уыдзæн æппæт станцты дæр.
Паддзахадон унитарон уагдон "Югосетнефтепродукт" æмæ компани "Роснефть"-ы ʻхсæн бадзырды фæрцы 2014 азæй фæстæмæ Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ æртаджы сæйраг импортер у "Югосетнефтепродукт".