Балцæг Израильмæ: Дзæгъиаты Миланайæн æрæмбырд кодтой фæрæзтæ хоскæнынæн

Цалдæр мæйы дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ фæсарæнты дæр æмбырд кодтой чысыл рынчын чызгæн хоскæнынæн фæрæзтæ, сывæллон ныридæгæн ис Израильмæ фæндагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстонаг 12-аздзыд уæззау рынчын чызг Дзæгъиаты Миланайæн æрæмбырд кодтой æнæмæнгхъæуæг суммæ хоскæнынæн, фехъусын кодта Sputnik хæрзаудæн мадзæлтты организатортæй иу Мамиты Григорий.

Миланайы тыххæй: Хуссар æмæ Цæгат Иры рэпертæ хонынц хæрзаудæн концертмæ

Цалдæр мæйы дæргъы арæзт цыдысты хæрзаудæн акцитæ, концерттæ, кодтой сæрмагонд хыгъдтæ, дуканиты æвæрдтой асыктæ фæрæзтæн.

Цыбыр æмгъуыдмæ бинонтæм æххуысы къух фæдардтой амалджын адæм, уагдæттæ æмæ хуымæтæг цæрджытæ.

Хъæуæг суммæ – 3 милуан сомы — æрцыд æмбырд, хæрзаудæн хъуыддаг аххæссыд Цхинвал, Дзæуджыхъæу æмæ Мæскуыйыл.

"Хæрзаудæн акцитæ райдыдта не 'мбæстаг Цхуырбаты Людвиг, стæй йæм бирæтæ бамбал сты, фæлæ мын æхсызгон у ахæм фæсивæд нæм кæй ис, кæцытæ растын кæнынц адæмы хорз хъуыддæгтæм. Стыр сæрæндзинад равдыста иумæйаг хъуыддаджы æмæ йын рацыд. Æмткæй иу милуан æмæ 700 сомы æрæмбырд кодтам концерттæ, хæрзаудæн акцитæ æмæ дуканиты асыкты", — загъта Мамиты Григорий.

Аннæ фæрæзтæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, баххæст кодтой хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ", МХМ коллектив, фыссæг Чехойты Оля æмæ æндæртæ.

Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци

"Хуыцауы фæрцы, чызг хоскæныны рæстæджы æхцайыл нæ фæтыхсдзæн", — загъта инициативон къорды уæнг Цхуырбаты Людвиг.

Уый ма банысан кодта, бирæтæ кæй баххуыс кодтой стыр суммæтæй.

"Бизнесмен Уанеты Вадим хыгъдмæ ракодта 100 мин сомы, хастой чысылдæр суммæтæ дæр. Хорз нæм фæкастысты президент æмæ горæты администраци. Чысыл чызг ныридæгæн ис фæндагыл, 27 октябры йæм æнхъæлмæ кæсы Израилы дохтырты басгæрст æмæ уый фæстæ та хоскæнынад", — бафтыдта уый.

Дзӕгъиаты Милана тох кӕны уӕззау онкологион низимӕ, рынчын чызджы хъӕуы ӕвӕстиат зынаргъ операци.