Расыг шофыр Цхинвалы ныццавта сылгоймаджы

Цхинвалы цæрæджы рынчындонмæ баластой буары цæфтимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы хæдтулгæ ВАЗ 21213-йы 61-аздзыд шофыр ныццавта карджын сылгоймаджы, кæцы фæцæйхызт фистæгæйцæуджыты фæндаджы æддейæ, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Медицинон басгæрсты рæстæджы рабæрæг, шофыр кæй уыд нозтджын.

Цау æрцыд Хъайтарты уынгыл. Горæты 78-аздзыд цæрæг сылгоймаджы буары цæфтимæ баластой рынчындонмæ.