Хуссар Ирыстоны агурынц хæцæнгарз адавджыты

Цы сейф адавтой, уый мидæг уыд æхсæнгарз, хъаматæ, афтæ ма æхца æмæ документтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ агурынц æбæрæг гоймæгты, кæцытæ адавтой Дзауы районы цæрæджы хæдзарæй сейф, хæцæнгарз, æхца æмæ документтимæ. Уый тыххæй хъусын кæны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй милицимæ æрбацыд Мсхлебы хъæуы 81-аздзыд цæрæг, кæцыйы хæдзарæй фесæфт сейф. Йæ мидæг уыдысты "Браунинг" фирмæ æхсæнгарз, æхца, дыууæ фæсарæйнаг паспорт æмæ æртæ хъамайы.

Районы фæдагуырды управлени уадзы басгæрст ацы фыдракæнды фæдыл, бафтыдтой уагдоны.