Авари Ручъы тоннелы цур: дыууæ адæймаджы бахаудысты рынчындонмæ

Фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн фæцæфтæ сты хæдтулгæйы шофыр æмæ пассажир
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Ручъы тоннелы хуссайраг порталы æртыккаг километрыл æрцыд авари, кæцыйы зиан баййæфтой дыууæ адæймаджы. Республикæйы мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Ленингоры районы Цъинагары 62-аздзыд цæрæг не сырæхст хæдтулгæ ВАЗ-2109 скъæрын æмæ сфæлдæхт.

"Шофыр æмæ пассажир, РЦИ-Аланийы горæт Беслæны 71-аздзыд цæрæджы буары цæфтимæ Дзауы тагъд æххуысы машинæ фæхæццæ кодта Цхинвалы рынчындонмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй шофыр уыд æрвонг. Цауы æууæлтæ æвзары Дзауы районы мидхъуыддæгты управлени.