Уæрæсейы боксы федераци загъта Гасситы Мурæты радон тохы датæ

Ирон боксеры ныхмæлæууæг нырма бæрæг нæу, фæлæ тохы бынат æмæ рæстæг ныридæгæн скъуыддзаг æрцыдысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Дунейы экс-чемпион боксæй Гасситы Мурæт йæ радон тох ауадздзæнКраснодары апрель, науæд та майы, фехъусын кодта Уæрæсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев.

Гасситы Мурæтæн балæвар кодтой Mercedes

Украинæйаг Александр Усикимæ тохы фæстæ Гасситы Мурæты бахъуыд операци йæ уæхскыл, уый ныр дæр цæуы хоскæнынад.

"Гасситы Мурæт йæ радон тох ауадздзæн Краснодары апрель-майы. Мурæт бирæ рæстæг цард Крымскы æмæ Краснодары крайы дæр бирæ уарзынц", — хъусын кæны РИА Новости Кремлевы ныхæстæ.

Уый бафиппайдта, нырма Усикы кандидатурæмæ кæй нæ кæсынц.

"Равзардзыстæм аккаг ныхмæлæууæджы", — загъта Кремлев.

Гасситы Мурæт æрæджы банысан кодта, цæттæ кæй у рахизын рингмæ топ-10-æй кæцыфæнды боксеримæ дæр.