Хуссар Иры хицауад сфидар кодта 2019 азы улæфт бонты нымæц

Иууыл фылдæр улæфт бонтæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц майы, уыцы мæй иумæйагæй сисгæйæ улæфдзысты 10 боны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Ногазон улæфт бонтæ Хуссар Иры уыдзысты 30 декабрæй 7 январьмæ, фехъусын кодтой хицауады, цы ран рабадты рæстæджы сфидар кодтой уагæвæрд 2019 азы улæфт бонты фæдыл.

Иууыл фылдæр улæфт бонтæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц майы, уæд нысан цæуынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы æмæ Уалдзæг æмæ куысты бæрæгбæттæ.

"2019 азы фæнд кæнынц ахæссын ранымайгæ улæфт бонтæ: сабат, 5 январь – цыппæрæммæ, 2 май; хуыцаубон, 6 январь — майрæмбонмæ, 3 май; сабат, 23 февраль — майрæмбонмæ, 10 май", — загътой хицауады пресс-службæйы.

Иумæйагæй сисгæйæ, рбалæугæ азы цæрджытæ улæфдзысты 23-24 февралы, 8-10 марты, 1-5 майы, 9-12 майы, 29 майы, 12 июны, 24-26 августы, 20-23 сентябры æмæ 23-25 ноябры.