Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы тыхдымгӕйӕ

Ӕввахс рӕстӕджыты Цӕгат Ирыстоны уыдзӕн тӕрккъӕвдатӕ, ӕвзӕр боныгъӕд уыдзӕн майрӕмбонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл уыдзысты тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ тыхдымгӕтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

"Цӕгат Ирыстоны гидрометеорологон ӕмӕ мониторингы центры информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм ӕмӕ тыхдымгӕтӕм 20-25 м/с", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй хӕхты гӕнӕн ис ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты та схиза доны ӕмвӕзад.