Паддзахадон думӕ сратификаци кодта Газпром ӕмӕ Хуссар Иры ӕхсӕн бадзырд

ОАО "Газпром – Хуссар Ирыстон"-ы республикӕйы хай балхӕныны ӕмӕ куыстуаты архайды фӕдыл бадзырд бафыстой 35 азмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕ райста Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауадты ӕхсӕн бадзырды ратификацийы фӕдыл закон ОАО "Газпром — Хуссар Ирыстон"-ы акцитӕ балхӕныны ӕмӕ куыстуаты дарддӕры архайды тыххӕй, хъусын кӕны РИА Новости.

Бадзырдмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны хай иумӕйаг куыстуат "Газпром — Хуссар Ирыстон"-ы балхӕндзысты иу сомӕй — афтӕмӕй, "Газпром"-ы хай ацы куыстуаты уыдзӕн 100%.

"Газпром Хуссар Ирыстон" куыстуаты арӕзтадыл ӕрдзырдтой хицауады

"Газпром" хъуамӕ сӕххӕст кӕна инвестицитӕ 2 миллиард сомы бӕрц Хуссар Ирыстоны газы хызӕгты райрӕзты, фехъусын кодта УФ энергетикӕйы министр Александр Новак. Бадзырд, кӕцы фыст у 35 азмӕ, гаранти дӕтты ОАО "Газпром — Хуссар Ирыстон"-ы финансон-хӕдзарадон архайды стабилон уавӕртӕн.

"Газпром" 2009 азӕй фӕстӕмӕ райдыдта уадзын ӕрдзон газ Хуссар Ирыстонмӕ Уӕрӕсейы территорийы "Дзуарыхъӕу-Цхинвал" газы хӕтӕлы уылты. Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны домӕнтӕ ӕрдзон газӕй сты 35-36 милуан кубометр азы ӕмӕ иууылдӕр ӕххӕст цӕуынц уӕрӕсейаг газы хӕтӕлӕй, фехъусын кодта хицауад.

2015 азы РХИ хицауад сфидар кодта Хуссар Ирыстоны газифтонгады генералон схемӕ 2025 азмӕ, кӕцы сарзӕзта "Газпром". Ацы схемӕмӕ гӕсгӕ газ бауадздзысты 190 цӕрӕг пунктмӕ ӕмӕ сараздзысты поселокты ӕхсӕн 528 километр газы хӕтӕл, поселокты мидӕг та 3473 километры. Ацы схемӕйы реализацийӕн рахицӕн кӕндзысты 2 миллиард сомы. Генералон схемӕмӕ гӕсгӕ 2025 азмӕ Хуссар Ирыстоны газы фӕлхас фӕфылдӕр уыдзӕн фондз хатт. Уымӕ гӕсгӕ "Дзуарыхъӕу-Цхинвал" газы хӕтӕлы куыстхъомдзинад фӕфылдӕр уыдзӕн 2025 азы 74 процентмӕ, дзырдӕуы законыпроекты ӕмбарынгӕнӕн фыстӕджы.