Бибылты Анатолий Пятигорскы фембӕлд Уӕрӕсейы президенты минӕваримӕ

Фембӕлд ацыд Пятигорскы, фарсытӕ ӕрныхас кодтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты ӕхсӕн ӕмгуыстадыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Пятигорскы Уӕрӕсейы президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Александр Матовниковимӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Полномочный представитель президента РФ в Северо-Кавказском федеральном округе Александр Матовников

Фембӕлд ацыд Пятигорскы, фарсытӕ ӕрныхас кодтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты ӕхсӕн ӕмгуыстады фарстытыл.

"Александр Матовников раарфӕ кодта Бибылты Анатолийӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты, афтӕ ма Республикӕ Хуссар Ирыстоны сӕвзӕрдыл 28 азы сӕххӕсты цытӕн дӕр. Уый баныфсӕвӕрдта, ӕфсымӕрон бастдзинад дыууӕ бӕстӕйы адӕмы ӕхсӕн кӕй фидар кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ цӕст бауарзта республикӕйӕн сабырад ӕмӕ дидинӕфтыд", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Бибылты Анатолий загъта бузныг ӕххӕстбарджын минӕварӕн республикӕйы райрӕзты фарстытӕм хъусдарды тыххӕй.

Президент Республики Южная Осетия Анатолий Бибилов