Цхинвалы цӕрӕджы хӕдтулгӕ ссыгътой йӕ хӕдзары раз

Фыдгӕнджытӕ ссыгътой Toyota FJ Cruiser хӕдтулгӕ ӕмӕ фӕтары сты цауы бынатӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Уголовон басгӕрсты кусджытӕ уадзынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной гоймӕгты, кӕцытӕ ссыгътой Цхинвалы цӕрӕджы хӕдтулгӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, хӕдтулгӕйы хицау радзырдта милицийӕн, ивгъуыд улӕфт бонты ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ кӕй ссыгътой йӕ Toyota FJ Cruiser хӕдтулгӕ, кӕцы лӕууыд йӕ хӕдзары раз, ӕмӕ уый фӕстӕ фӕтары сты цауы бынатӕй.

Зианы суммӕ рацыд 300 мин сомы, банысан кодтой МХМ.