Хуссар Иры президент ӕрдзырдта уӕрӕсейаг дохтыртимӕ медицинӕйы райрӕзтыл

Уӕрӕсейаг специалисттӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй хайад райсой медико-социалон реабилитацийы фарстыты фӕдыл фыццаг хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг симпозиумы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ис алы уавӕртӕ дӕр фармацевтикон сӕудӕджерады райрӕзтӕн, загъта республикӕйы президент Бибылты Анатолиимӕ фембӕлды рӕстӕджы УФ Федерацийы Советы социалон политикӕйы комитеты аппараты сӕргълӕууӕг Игорь Михалев.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Михалев уӕрӕсейаг специалистты делегациимӕ иумӕ ӕрцыд хайад райсынмӕ медико-социалон реабилитацийы фарстыты фӕдыл фыццаг хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг симпозиумы.

Встреча президента РЮО с российскими медиками

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта уазджытӕн ӕмӕ банысан кодта симпозиумы фарстыты стратегикон ахсджиагдзинад, афтӕ ма загъта бузныг йӕ ауадзыны тыххӕй.

"Ӕрныхас кодтой конкретон хъӕппӕристы тыххӕй, се хсӕн Уӕрӕсейы Федерацийы ахуыргӕнӕндӕтты ахуыр кӕныны фарстытӕ дӕр. Ныфс мӕ ис, Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрадимӕ ӕмгуыстад кӕй рахиздзӕн ног ӕмвӕзадмӕ, ӕмӕ мах райсдзыстӕм стыр ӕфтиаг ацы куыстӕй. Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ нӕ проекттӕ иууылдӕр среализаци кӕндзыстӕм", — загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны сараздзысты стыр медицинон кластер

Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, Хуссар Ирыстон цӕттӕ кӕй у алыгъуызон варианттӕм ӕркӕсынмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕварсон ахастытӕ ӕмӕ ӕууӕнчы ӕмвӕзад дӕттынц фадат аразын дыууӕ бӕстӕйӕн дӕр пайдаджын проекттӕ. Уыцы здӕхттӕй иу президент схуыдта фармацевтикӕйы райрӕзт.

РАН академик Сергей Пузин йӕ цӕст ӕрдардта егъау ивындзинӕдтӕм, кӕцытӕ цӕуынц республикӕйы.

"Мӕ зӕрдӕ райы, уӕ цӕст кӕй дарут медико-социалон здӕхтмӕ. Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ ахӕм ахастимӕ мах иууылдӕр уыдзыстӕм ӕнтыстджын", — загъта академик.

Хуссар Ирыстоны медицинӕ райтынг кӕныны тыххӕй президент схорзӕхджын кодта уазджыты паддзахадон хорзӕхтӕй.