Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон

Интернаты ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнинӕгтӕ сфӕнд кодтой спайда кӕнын хур бонӕй ӕмӕ ацӕуын горӕтӕй пайдаджын хъуыддаг аразынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы скъола-интернаты дирекци ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕртыццӕджы сфӕнд кодтой ауадзын радон экологион акци — ссыгъдӕг кӕнын Цхинвалы районы кувӕндӕтты алыварс территори.

Уыдон ӕрӕмбырд кодтой ӕфснайынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонгад ӕмӕ ацыдысты Куртайы хъӕуы чысыл аргъуанмӕ.

Экологическая акция цхинвальской школы-интернат

Чысыл историйы тыххӕй

Интернаты ди⁠ректор Тедеты Роланд у ацы хъӕуӕй рацӕугӕ ӕмӕ уый тыххӕй хорз зоны ацы бынӕтты истори, йӕ бон у бирӕ лыстӕгдзинӕдтӕ радзурын.

Экологическая акция цхинвальской школы-интернат

Ам ис чысыл кувӕндон — Уациллайы дзуар. Фыццаг бакастӕй аргъуан ис хорз уавӕры, фӕлӕ йӕ уӕлхӕдзар гӕнӕн ис ӕмӕ ныккӕла.

"Гуырдзиӕгтӕ йӕ хуыдтой Уачилла. Ӕмӕ-иу сӕ куы фарстон, цы у йӕ нысаниуӕг, уӕд-иу ницы загътой. Уый тыххӕй ӕмӕ йӕ раст ном у — Уацилла. Уый ноджы иу хатт ӕвдисы, ацы зӕххыл кӕй цардысты ирӕттӕ", — загъта Тедеты Роланд.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, раздӕр ацы бынӕтты цардысты Гаглошвили, Кочишвили ӕмӕ Джиошвили мыггӕгты минӕвӕрттӕ. Уыдон иууылдӕр сты ирон мыггӕгтӕ, кӕцытӕ ныффыстой гуырдзиагау.

Экологическая акция цхинвальской школы-интерната

Афтӕ ма Тедеты Роланд радзырдта, ацы бынӕтты фыццаг цӕрджытӕ кӕй уыдысты Баситы мыггаджы минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты ардӕм Куырттаты комӕй. Уый фӕдыл хъӕу дӕр схуыдтой Курта.

Сыгъдӕгдзинады акци

Ифтонггарз хӕдтулгӕйӕ куы райстой, уӕд сывӕллӕттӕ райдыдтой сӕ куыст. Хистӕртӕ дӕр фӕсте нӕ фӕлыууыдысты, ӕххуыс кодтой скъоладзаутӕн.

"Ахӕм акцитӕ мах саразӕм аз дыууӕ хатты — уалдзӕг ӕмӕ фӕззӕджы. Уалдзӕджы та иу кӕрдӕг кӕрдӕм", — банысан кодта Тедеты Роланд.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ ӕрмӕст пайдаджын куыст нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма базонынц сӕ фыдыбӕстӕйы историйы тыххӕй дӕр.

Экологическая акция цхинвальской школы-интернат

Директор банысан кодта, зӕгъгӕ, скъола-интернат райдыдта йӕ куыст ацы хъӕуӕй, цы ран 90-ӕм ӕзты райдайӕнмӕ уыд сӕ агъуыст.

Уациллайы кувӕндоны фӕстӕ уыдон цӕуынц Сыгъдӕг Георгийы, стӕй Мад Майрӕмы аргъуантӕм, кӕцытӕ сты Куртайы хъӕуы.

1 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
2 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
3 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
4 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
5 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
6 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
7 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
8 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон
9 / 9
Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон