Уыдзæн аив: Цхинвалы бавнæлдтой Стыр парчы хæрзарæзтадмæ

Столицæйы сæйраг улæфæн зонæйы фæзындзæн ауæзт, сценæ, велофæндаг, йæ зæлдфæлынд баххæст уыдзæн 200 бæласы талайæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары бавнæлдтой Стыр парчы хæрзарæзтадмæ — Леуахийы донбылгæроны иу хай, дыууæ хиды ʻхсæн сырæздзæн аив улæфæн зонæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодтой Арæзтады министрады пресс-службæйы.

"Ныридæгæн сыгъдæг цæуы Стыр парчы территори. Ам 2008 азы хæсты æхстыты рæстæджы цы бæлæстæ бахъыгдард сты, уыдон бынаты ногæй ныссадздзысты 200 талайы. Тæккæ донбылгæрæтты фæзындзæн велофæндаг", — загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Алена.

Арæзтады министрады минæвары ныхæстæм гæсгæ, ам куыстытæ балхынцъ уыдзысты 2019 азы астæу.

Большой парк: стройка

"Парчы мидæг ма уыдзæн сценæ, хиирхæфсæн аттракционтæ. Раздæрау ма дзы фæзындзæн ауæзтæ æмæ сæ сæрыл хидтæ. Иудзырдæй, уыдзæн тынг аив", — бафтыдта министрады пресс-секретарь.

Стыр парчы хæрзарæзт цæуы 20 мин квадратон метрыл. Инвестпрограммæмæ гæсгæ йын рахицæн æрцыд 33,5 милуан сомы.

1 / 4
Стыр парк Цхинвалы
2 / 4
Стыр парк Цхинвалы
3 / 4
Стыр парк Цхинвалы
4 / 4
Стыр парк Цхинвалы