Цӕгат Иры хӕдтулгӕ ахауд былӕй: аирвӕзт ӕрмӕстдӕр ацӕргӕ сылгоймаг

Трагеди ӕрцыд 1 ноябры ӕхсӕвы Фиагдон-Дзӕуджыхъӕу фӕндаджы 20-ӕм километрыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Куырттаты комы хӕдтулгӕ ахаудта былӕй, кӕцыйы бӕрзӕнд уыд 150 метры. Машинӕйы цы цыппар адӕймаджы уыд, уыдондӕй удӕгасӕй баззад ӕрмӕстдӕр 77-аздзыд сылгоймаг.

Радон авари Цхинвалы: цæфтæ райстой дыууæ адæймаджы

Цыппӕрӕмы, 00.12 сахатыл ирвӕзынгӕнӕн службӕтӕм бацыд хъусинаг, зӕгъгӕ, бинонтӕ цыппар адӕймагӕй "Mazda" хӕдтулгӕйыл цыдысты Фиагдонӕй Дзӕуджыхъӕумӕ, фӕлӕ нӕ бахӕццӕ сты хӕдзармӕ ӕмӕ нӕ хизынц бастдзинадмӕ.

"Цауы бынатмӕ ацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ ӕмӕ 07.00 сахатыл хъӕды ссардтой хӕдтулгӕ, кӕцы Фиагдон-Тӕгӕрдон фӕндаджы 20 километрыл ахаудта 150 метры бӕрзӕнд былӕй. Хӕдтулгӕйы уыд цыппар адӕймаджы, кӕцытӕй удӕгасӕй баззад ӕрмӕстдӕр 77-аздзыд сылгоймаг, уый уӕззау уавӕры аластой Дзӕуджыхъӕуы республикон клиникон рынчындонмӕ", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.