Ногӕй фыццӕгтӕ: Хуссар Иры МСНК ссис иууыл хуыздӕр Калашниковӕй ӕхсынӕй

МСНК кусджытӕ рамбылдтой ӕхсынӕй сӕ коллегӕты тагъд архайды къорд ӕмӕ Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады комӕндӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ ӕртыккаг аз фӕд-фӕдыл ссисты иууыл хуыздӕр Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕрмагонд-командон ерысты Калашниковы автоматӕй ӕхсынӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры МСНК кусӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ равдыста ӕхсынӕй Дзӕуджыхъӕуы

"Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ систой 810 очко ӕмӕ бацахстой фыццаг бынат. Къорды кусджытӕ рамбылдтой сӕрмагонд бахыгъды дӕр. Тагъд архайды къорды кусджытӕ бацахстой дыккаг бынат. Ӕртыккаг бынат та бацахста Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады командӕ", — радзырдтой МХМ.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, МХМ хайадты ӕхсӕн Калашниковы автоматӕй ӕхсыны ерыстӕ ацыдысты уагдоны полигоныл. Сӕ профессионалон цӕттӕкӕнынад равдыстой аст командӕ ӕмӕ 30 кусӕджы. Ерыстӕ цыдысты цалдӕр этапы. Командӕтӕ сӕххӕст кодтой фӕлтӕрӕнтӕ 100, 200 ӕмӕ 300 метр дистанцимӕ.

Калашниковы автоматӕй ӕхсынӕй ерыстӕ уагъд цӕуынц ӕрвылаз спорты популяризаци ӕмӕ кусджыты цӕттӕкӕнынад фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй.

Команда ОМОН стала победителем первенства МВД по стрельбе из боевого оружия