Цхинвайлаг сылгоймаджы ӕрцахстой тобӕгонд "Снюс" уӕй кӕныны тыххӕй

Оперативон кусджытӕ ссардтой тобӕгонд базарад столицӕйы дуканитӕй иуы, йӕ хицауы йын ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Криминалон милицийы кусджытӕ ссардтой Цхинвалы дуканитӕй иуы тобӕгонд тамако "Снюс", дуканийы хицауы ӕрцахстой иу мӕймӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой "Снюс"-имӕ

Уагдоны банысан кодтой, тобӕгонд тамакойы 50 пакет, кӕцыты иумӕйаг массӕ у 30 грамм, оперативон кусджытӕ ссардтой дуканийы тӕрхӕджы бын.

"Республикӕйы "снюс" ӕмӕ "насвай" тамако ласын, ӕлхӕнын, уӕй кӕнын ӕмӕ пайда кӕныны" фӕдыл законы фехалыны тыххӕй дуканийы 43-аздыд хицау сылгоймаджы Цхинвалы тӕрхондон ӕрбаздӕхта администравон бӕрнмӕ ӕмӕ йӕ ӕрцахстой иу мӕймӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны ист ӕрцыд "снюс" ӕмӕ "насвай" тамако ласын, ӕлхӕнын, уӕй кӕнын ӕмӕ пайда кӕныны" фӕдыл закон. Законхалджыты ӕрбаздахынц административон бӕрнмӕ ивар, кӕнӕ дыууӕ мӕймӕ ӕрцахсыны хуызы.