Литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреатты зӕгъдзысты иу мӕймӕ

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы фадыджы хуыздӕр уацмысыл конкурс уадзы 2016 азӕй фӕстӕмӕ ӕрвылаз дӕр Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреатты зӕгъдзысты ноябры кӕрӕттӕм, хъусын кӕны къуырисӕры Хуссар Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ.

Дыккаг "Булæмæргъ": преми равзардзæн хуыздæр ирон литераторты

"2018 азы 30 октябры фӕцис уацмысты райст ӕрвылазон Ӕхсӕнадӕмон преми ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы фадыджы "Булæмæргъ"-мӕ. Лауреатты зӕгъдзысты иу мӕймӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Литературон конкурс "Булæмæргъ" сарӕзта 2015 азы Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы фирмӕ "Стройцентр"-ы ӕххуысӕй.

Конкурсы хайад райсыны фадат ис 14-41 азы кары алкæмæндæр, куыд фæлтӕрд фысджытӕн, афтӕ ма автортӕн, кӕцытӕ никуы мыхуыр кодтой сӕ уацмыстӕ.