Хуссар Иры ӕрцыд зӕххӕнкъуыст

Зӕххы бын риуыгъдтытӕ иууыл тынгдӕр банкъардтой республикӕйы Дзауы районы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Зӕххӕнкъуыст, йӕ магнитудӕ 4,6, банкъардтой дыццӕджы райсом раджы Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, фыццаг риуыгъдтытӕ банкъардтой 4.17 сахатыл, зӕххӕнкъуысты эпицентр уыд Гуырдзыстоны, цӕрӕг пункт Онийы районы.

"Республикӕйы иууыл тынгдӕр риуыгъдтытӕ банкъардтой Къуайса, Синагур, Карзман ӕмӕ Дзауы. Хуссар Ирыстоны территорийыл риуыгъдтыты тых уыд 4,6", — радзырдтой УУМ.

Уагдоны бафтыдтой, уыдонмӕ кӕй нӕ бацыд информаци амӕттӕгтӕ ӕмӕ фехӕлдты тыххӕй.