Къуаисайы зæххæнкъуыст ракалдта хох æмæ цæрджыты "расырдта" уынгтæм

Хуссар Иры æрдзон бæллæх иууыл тынгдæр рахатыдысты Къуыдаргомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны горæт Къуаисайы бирæуæладзыгонд хæдзæртты цæрджыты зæххæнкъуыcт "расырдта" уынгтæм, фæлæ æрдзон фыдбылыз стыр зиан ницы æрхаста, загъта Sputnik горæты мэр Бæззаты Геннадий.

Хуссар Иры ӕрцыд зӕххӕнкъуыст

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ 4,6 магнитудæйы тыхы зæххæнкъуыcт рахатыдысты дыццæджы 4.17 сахатыл. Йæ эпицентр уыд Гуырдзыстоны.

"Къуаисайы хæдзæртты уæллаг уæладзгуыты цæрджытæ нал бауæндыдысты сæ хæдзæрттæм æмæ райсоммæ фесты уынгты. Зæххæнкъуысты тых махмæ уыд стырдæр Хуссар Ирыстоны аннæ районтæм абаргæйæ, фæлæ стыр зиан ницы æрхаста, æрмæст кæцыдæр фатерты цалцæг бахъыгдард ис", — загъта горæты мэр.

Уый ма радзырдта, Къуаисайы бакомкоммæ Хуыгаты хохы дур кæй æрызгъæлд, фæлæ уый дæр ницы зиан æрхаста.

Фæстаг хатт ма ахадгæ зæххæнкъуыст Хуссар Иры уыд 2009 азы, уæд дæр æй иууыл тынгдæр рахатыдысты Къуаисайы – хъыгдард æрцыдысты хæдзæрттæ.