Ӕнкъард гуырæнбон: Цхинвалы æрымысыдысты Хубулы

Ирыстоны ног историйы иууыл ирддæр политикыл 6 ноябры сæххæст уыдаид 52 азы, æдзард хъайтары амардтой Дзæуджыхъæуы 20 азы размæ. Хуыбылты Валерийы ном хæссынц скъола, парк æмæ уынг Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны хъайтар Хуыбылты Валерийы райгуырæн боны цытæн мысæн мадзал ацыд Цхинвалы, гимнази "Рухс"-ы, кæцы хæссы æдзард политикы ном. Ирыстоны номдзыддæр гоймаг æмæ Кавказы дзырддзæугæ политикы мысæн мадзалмæ æрбацыдысты йе 'мгæрттæ, зонгæтæ æмæ бинонтæ.

Мадзал бацæттæ кодтой гимназийы иууæндæсæмкъласонтæ. Экраныл цалдæр минутмæ кæрæдзи ивтой Хуыбылты Валерийы царды ирддæр сыфтæ – æфсад, хæст, чындзæхсæв, бинонтæ, бадзырдон фембæлдты къамтæ æмæ видеокадртæ. Йæ номыл скъолайы ахуырдзауты раз Хубул æрлæууыд удæгасау.

Вечер памяти Валерия Хубулова
Экраныл ма равдыстой йе 'мгæртты æмæ зонгæты мысинæгтæ — Гæбæраты Вадим, Лæууойты Ӕхсар æмæ Бахъаты Нугзар, кæцытæ хорз зыдтой Хубулы, радзырдтой йæ цардæй цымыдисон цаутæ.

"Тыхст рæстæджы атындзыдта æххуысмæ Абхазмæ, уый æмбæрста, Абхазы куы басæттой, уæд та кæй æрцæудзæн Хуссар Иры рад. Тыдта хорздзинад, нæ йын уыд знæгтæ. Кадджын уыд æгас Кавказы, уым зонынц аргъ кæнын хъайтартæн", — загъта йæ видеораныхасы Гæбæраты Вадим.

Мысæн мадзалы ма раныхас кодтой скъолайы ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ Хубулы хæстон æмгæрттæ. Мадзалы кæрон къахыл лæугæйæ сæмбæлдысты Хуыбылты Валерийы номыл зарæгыл.

Вечер памяти Валерия Хубулова

"Хуыцау дæр æй уарзта, зындис ыл, цавæрдæр æнæзæххон тых дзы кæй уыд", — загъта Лæууойты Ӕхсар.

Хуыбылты Валерийы ном ма гимнази "Рухс"-æй дарддæр хæссынц столицæйы Стыр парк æмæ цы уынгыл схъомыл ис, уымæн йæ иу хай.

Поэт Бахъаты Нугзар Хуыбылты Валерийы цардвæндагыл ныффыста чиныг "Ирон адæмы хъæбул".

"Чиныджы бацæуæны цы ныффыстон, уыдон чизоны кæмæдæр æгæр схъæл ныхæстæ фæкæсой, фæлæ Хубул уый бæрц сарæзта æмæ ахæм хъуыддæгтыл фембæлæн ис æрмæстдæр аргъæутты æмæ мифты", — банысан кодта мадзалы рæстæджы йæ раныхасы фыссæг.

Æдзард хъайтарыл дыццæджы, 6 ноябры сæххæст уыдаид 52 азы. Хуыбылты Валерийы мæнгардæй амардтой Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл 20 азы размæ. Хубул историмæ бацыд куыд Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрджытæй иу, Гуырдзыстоны агрессийы ныхмæ активон тохгæнæг, Абхазы хæсты архайæг æмæ дзырддзæугæ политик, æнтыст ын скъуыддзаг кæнын канд мидæггагон проблемæтæ нæ, фæлæ цæгаткавказаг хъаугъатæ дæр.

1 / 4
Хуыбылты Валерийы мысæн изæр
2 / 4
Хуыбылты Валерийы мысæн изæр
3 / 4
Хуыбылты Валерийы мысæн изæр
4 / 4
Хуыбылты Валерийы мысæн изæр