Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой фондз сыгъзӕрины Дзӕуджыхъӕуы турниры

Турниры хайад райстой 70 спортсмены Цӕцӕн, Хъӕрӕсе-Черкес, Азербайджан ӕмӕ Ставрополы областӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ацыд легендарон ирон инӕлар Плиты Иссӕйы номарӕн турнир дзюдойӕ юниорты ӕхсӕн, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.

Ирон дзюдоисткӕ ссис Европӕйы ерысты призер

Турниры хайад райстой 70 спортсмены Цӕцӕн, Хъӕрӕсе-Черкес, Азербайджан ӕмӕ Ставрополы областӕй. Спортсментӕ архайдтой авд уӕзы категорийы.

"Советон Цӕдисы дыууӕ хатты хъайтарӕн скад кодтой нӕ республикӕйы дзюдоисттӕ, афтӕ ма спортсментӕ Цӕцӕн, Хъӕрӕсе-Черкес, Азербайджан ӕмӕ Ставрополы областӕй. Турниры фӕстиуӕгӕн Цӕгат Ирыстоны дзюдоисттӕ рамбылдтой фондз сыгъзӕрин майданы", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, мадзалы организатортӕ уыдысты Плиты мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны дзюдойы сӕйраг тренер Беккуызарты Алик.