Хуссар Иры МХМ фехъусын кодта Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахсыны аххосаг

Зӕрдӕхсайгӕ не сразы ацӕуын медицинон басгӕрст, уый фӕстӕ Цхинвалы тӕрхондон рахаста уынаффӕ, сбадын ӕй кӕнын ахӕстоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Наркотикон буарадтӕм хъусдарды кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы 35-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта наркотикон буарадтӕй пайда кӕнынмӕ. Нӕлгоймаг не сразы медицинон басгӕрст ацӕуын ӕмӕ тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй йӕ сбадын кӕной ахӕстоны 20 суткӕмӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой 10 мин сомы гӕнӕй пайда кӕныны тыххӕй

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, ӕрцахстой горӕты цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта "административон ӕмӕ уголовон бӕрны тыххӕй наркотикон ӕмӕ психотропон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны фӕдыл" закон фехалынымӕ.

"Ӕмбӕстаг не сразы ис ацӕуын медицинон басгӕрст. Цхинвалы тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй нӕлгоймаджы сбадын кӕной ахӕстоны 20 суткӕмӕ", — банысан кодтой МХМ.

Ӕртыццӕджы уагдон фехъусын кодта столицӕйы ноджы иу цӕрӕджы тыххӕй, кӕцыйы ӕрцахстой гӕнӕй пайда кӕныны тыххӕй. МХМ информацимӕ гӕсгӕ, ацы цау сбӕрӕг кодтой медицинон басгӕрст ауадзыны рӕстӕджы, кӕцыйыл сразы ис 37-аздзыд барадхалӕг, уый фӕдыл уый бафыста 10 мин сомы бӕрц ивар.