ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы цæгаттаг хай аззад æнæ донæй. Цыппæрæмы райсом микрорайон БАМ-мæ æрлæууыд донифтонгад, горæты администрацийы пресс-службæйы баныфсæвæрдтой, проблемæ æввахс сахатты скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.
Цхинвалы цæгаттаг районтæм дон цæуы Едыс-Цхинвалы доны хæтæлæй комкоммæ, столицæйы аннæ хæйттæ дон исынц резервуартæй.
"БАМ-ы доны цухдзинад баст у, доны хаххыл чысыл згъуыдтытæ кæй ис, уыимæ. Ныридæгæн бригадæ кусы хаххыл æмæ æввахс сахатты ратдзысты дон районмæ", — загъта уагдоны пресс-секретарь.
Уый ма банысан кодта, ацы проблемæ æмткæй горæты донифтонгадыл кæй нæ бандавдзæн.