Уæрæсейы тыхджындæртæ: цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир

Æппæтуæрæсейон "Б" классы ерыстæ рамбылдтой Тыбылты Тамерлан, Уалыты Алан æмæ Бестауты Аслан. Турниры фæстиуджытæм гæсгæ Уалыты Алан райста спорты мастермæ кандидат ном
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Плиты Фатима. Цыппар хуссарирыстойнаг боксеры стох кодтой Ивановойы уагъд цæугæ æппæтуæрæсейон турнир боксæй. Советон цæдисы спорты сгуыхт мастер Кудрявцевы номарæн ерысты расгуыхтысты æртæйæ, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Хаситы Владислав.

Бамбæхсут! Чызджытæ-боксертæ

Ерыстæн уыд æппæтуæрæсейон гуырахст, стæй ма дзы архайдтой фæсарæйнаг хуынд командæтæ — Латви, Белорус, Эстони, Донецк æмæ Хуссар Ирыстон.

"Ацы турнир ис Уæрæсейы боксы федерацийы къæлиндарон нывæзты, архайдтой дзы Уæрæсейы алы къуымтæй æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй дæр, мах дæр уыдыстæм Хуссар Ирыстоны номæй. Тыбылты Тамерлан, Уалыты Алан æмæ Бестауты Аслан систы ерысты уæлахиздзаутæ",- загъта тренер.

Уый ма радзырдта, Хуссар Иры командæйы цыппæрæм уæнг — Ӕлборты Сосланæн ерыстæ амондджын нæ разындысты.

"Ӕрдæгфиналмæ фæндагыл Ӕлборты Сослан фембæлд бынæттон лæппуимæ, тæрхонгæнджытæ быцæудзинадон скъуыддзагимæ радтой уæлахиз фысым боксерæн. Сослан нын у Уæрæсейы фыццагады финалист æмæ куыд æмбырдгонды уæнг афтæ декабры стох кæндзæн ногæй Уæрæсейы фыццагады",- бафтыдта Хаситы Владислав.

Ӕлборты Сослан стох кæндзæн Уæрæсейы тыхджындæр боксеры номыл

Æппæтуæрæсейон "Б" классы турнир фадат дæтта юношæты ʻхсæн цы фæсивæд тох кодта, уыдоны фыццаг номыртæн спорты мастермæ кандидат ном райсынæн. Тыбылты Тамерлан ацы хæрзиуæгæй фæхайджын ис ивгъуыд аз, фæлæ ныр спорты мастермæ кандидаты ном райста Уалыты Алан дæр.

Хуссар Ирыстоны командæйæн ерыстæм ацæуынæн баххуыс кодта президент Бибылты Анатолийы цур сæрмагонд фонд "Аланийы иудзинад".