Хуссар Иры рауагътой дон Цхинвалы цур хъӕумӕ

Районон хицауад скъуыддзаг кӕны хъӕуты донифтонгады проблемӕ, банысан кодтой республикӕйы хицауады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы администраци фӕуд кӕны Тъбеты хъӕуы донифтонггады куыстытӕ, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Цхинвалы районы ЦКХ хистӕр Хъотайты Борисы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы сӕрты ауагътой дренажон системӕ, кӕцыйы дӕргъ у 10 километр, ӕмӕ сарӕзтой 50 тонн бӕрцуат резервуар.

Пухаты Эрик радзырдта Хуссар Ирыстоны арӕзтады тыххӕй

"Нуазыны доны хъуагдзинады тыххӕй хъӕуы адӕм хастой дон дардӕй. Ныр та дон цӕудзӕн хӕдзӕрдтӕм, кӕцытӕ Уӕллаг Тъбеты сты 20. Резервуары доны бӕрцуат хъуамӕ фаг уа хъӕуы аннӕ хайӕн дӕр", — банысан кодта Хъотайты Борис.

ЦКХ хистӕр бафтыдта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ аразджытӕ уадзынц хахх Тъбеты скъоламӕ, уый фӕстӕ та ахиздзысты Дӕллаг Тъбетмӕ.

Аразджытӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты тыхтӕй райдыдтой Рустауы донифтонгады хызӕджы арӕзтады куыстытӕ дӕр, кӕцыйы дӕргъ уыдзӕн цыппар километр.