Цхинвалы хӕдтулгӕ ныццавта Зары цӕрӕг сылгоймаджы

Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд хуыцаубоны Цхинвалы, зианбаййафӕджы аластой рынчындонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ), кӕцыйы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта ацӕргӕ сылгоймаг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

ФТЦ ӕрцыд хуыцаубоны Цхинвалы.

"ВАЗ-21099 хӕдтулгӕйы шофыр, горӕты 54-аздзыд цӕрӕг фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтктӕ Хъайтарты уынгыл автовокзалмӕ скъӕргӕйӕ ӕмӕ ныццавта Цхинвалы районы Зары хъӕуы 74-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы, кӕцы хызт фӕндаг фистӕгон ахизӕны ӕддейӕ", — радзырдтой уагдоны.

Хуссар Иры ПАИ куры фӕфылдӕр кӕнын ивартӕ фӕткхалджытӕн

Цауы фӕстиуӕгӕн сылгоймаджы буары цӕфтимӕ аластой рынчындонмӕ.

Афтӕ ма МХМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой иу къуыримӕ фӕндагон змӕлды 287 фӕткхалды. Фондз шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.