Хуссар Иры минӕварадӕн Уӕрӕсейы радтой ног агъуыст

Уӕрӕсейаг фарс радта ног агъуыст бадзырдтӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ бафыстой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фембӕлды рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий кусӕгон балцы рӕстӕджы Мӕскуымӕ бабӕрӕг кодта республикӕйы минӕварады ног агъуыст, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны ФХМ пресс-службӕ.

Сӕйраг фарстытӕ: Сергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрий фембӕлдзысты Мӕскуыйы

Уӕрӕсейаг фарс радта ног агъуыст бадзырдтӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ бафыстой официалон кусӕгон балцы рӕстӕджы 2017 азы ноябры Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин.

ФХМ сӕргълӕууӕгимӕ уыдысты РХИ минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр ӕмӕ уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Джиоты Ӕхсар.