Мӕскуыйы ӕрныхас кӕндзысты Хуссар Иры райрӕзт ӕмӕ финанстӕ рахицӕн кӕныны фарстытыл

Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты фыццаг хатт хайад райсдзӕн уӕрӕсейаг фарсы ног сӕргълӕууӕг Виталий Мутко
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕхсӕнхицауадон къамисы XIX рабадты рӕстӕджы ӕркӕсдзысты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕм.

Рабӕрӕг сты РХИ ӕмӕ УФ ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты бынат ӕмӕ датӕ

Рабадт ацӕудзӕн Мӕскуыйы 15 ноябры. Рабадты хайад райсдзысты Ӕхсӕнхицауадон къамисы сӕргълӕуджытӕ — Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко.

"Боны фӕткы уыдзысты финансон ӕххуысы фарстытӕ, кӕцы ӕххӕст кӕны Уӕрӕсе Хуссар Ирыстонӕн 2018 азы социалон-экономикон райрӕзтӕн, афтӕ ма 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕ ӕмӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн интеграцийы фӕдыл Бадзырды реализацийӕн", — загътой Sputnik хицауады пресс-службӕйы.

Афтӕ ма рабадты хайадисджытӕ ӕрдзурдзысты 2020-2022 ӕзты Инвестпрограммӕйы арӕзтады фарстытыл.

Ноджы ма Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты рӕстӕджы ӕрныхас кӕндзысты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ахуырады системӕты модернизацийы мадзӕлтты нывӕзтытыл, афтӕ ма цӕрӕнуатон фонды структурӕйы арӕзтадыл дӕр.