Ирыстоны рауагътой Къостайы æмдзæвгæты аудиоæмбырдгонд

Рауагъдад ма фæнд кæны аудиоæмбырдгонд флешкæтыл ныффыссын дæр, уый хъуамæ сæххæст кæной Къостайы 160 азы бонмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны рауагъдад "Перо и кисть" сарæзта Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты фыццаг аудиоæмбырдгонд "Къоста. Ирон фæндыр", хъусын кæны ПТРК "Алания".

Тест Къостайы райгуырæн бонмæ: цас зонгæ стут поэты цардимæ?

Аудиодискмæ бацыд 60 уацмысы.

"Ацы хатт аудиоæмбырдгонды æмдзæвгæтæ бакастысты Ирон театры актертæ Черчесты Диана æмæ Битарты Александр. Рауагъдады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæммæ сæвзæрд стыр цымыдисдзинад. Æмбырдгонды тираж у 1 мин экземпляры. Уыдонæн се 'рдæг уайтагъд ауæй кодтой", — дзырдæуы хъусинаджы.

Рауагъдад ма фæнд кæны аудиоæмбырдгонд флешкæтыл ныффыссын дæр. Уый хъуамæ сæххæст кæной Къостайы 160 азы бонмæ — иннæ азы 15-æм октябры.

Ирыстоны цæрджытæн ахæм уникалон лæвар бацæттæ кодта рауагъдад "Перо и кисть". Йæ разамонæг у Дзыныхты Анжела. Проекты автор æмæ продюсер та у Æлбегаты Артур.