Дзӕуджыхъӕуы ацӕргӕ сылгоймаг амард зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн

Уӕлвӕткон уавӕрты министрады фехъусын кодтой, арт кӕй аххӕссыд сылгоймаджы сӕрмагонд хӕдзары ӕрдӕгыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы сӕрмагонд хӕдзары ӕрцыд зынгсирвӕзт, кӕцыйы амӕттаг бацис ацӕргӕ сылгоймаг, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Цхинвалы ссыгъд ӕдзӕрӕг хӕдзар

Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) банысан кодтой, зӕгъгӕ, Горькийы уынгыл зынгсирвӕзты тыххӕй хъусинаг ӕрбацыд боны фыццаг сахатыл, цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты зынгфӕдисонтӕ.

"Сбӕрӕг кодтой, Дзӕуджыхъӕуы, Горькийы уынгыл кӕй судзы 19-ӕм сӕрмагонд хӕдзары ӕрдӕг, кӕцыйы фӕзуат у 10 квадратон метр", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Зынгсирвӕзт аиуварс кодтой 20 минутмӕ, арт хуыссын кӕнынмӕ ӕрбаздӕхтой УУМ аст кусӕг ӕмӕ техникӕйы дыууӕ иуӕджы.