Бибылты Анатолий: Хуссар Ир у хъӕууонхӕдзарадон бӕстӕ

Хъӕууон хӕдзарады кусджыты профессионалон бӕрӕгбоны хӕдразмӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг фембӕлд уагдоны кусджытимӕ, ӕрныхас кодта семӕ проблемӕты тыххӕй ӕмӕ сын радта паддзахадон хорзӕхтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны хъӕууонхӕдзарадон фадыгӕн нырма стыр ӕнтыстытӕ нӕй, фӕлӕ паддзахад ӕмбӕлгӕ хъусдард здӕхы ацы фадыджы проблемӕтӕм, фехъусын кодта хъӕууон хӕдзарады министрады кусджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

"Хъӕууон хӕдзарады фадыджы ахсджиаг къахдзӕфты ӕхсӕн мӕ бон у рахицӕн кӕнын уый, ӕмӕ махӕн рауад ласын нӕ фермерты продукци Уӕрӕсемӕ. Ӕндӕр ахсджиаг пукт — кредиттӕ амалиуӕггӕнджытӕн ӕмӕ фермертӕн. Кӕд ацы аз уыцы нысӕнттӕн рахицӕн кодтам 21 милуан сомы, уӕд иннӕ аз суммӕ уыдзӕн 27 милуан сомы", — загъта Бибылты Анатолий.

Министрады кусджытӕ хъаст кодтой президентӕн техникӕйы дефицит ӕмӕ чысыл мыздты тыххӕй. Афтӕ ма ӕрдзырдтой хъӕууон хӕдзарады министрады коллективы рацӕуыныл ног агъуыстмӕ.

Встреча президента РЮО с коллективом Минсельхоза

"Ног бынаты тыххӕй мӕ фӕнды зӕгъын, мах кӕй ссардтам ӕмбӕлон вариант, фӕлӕ йӕ нырма нӕ зӕгъдзӕн. Алцыдӕр хорз куы ацӕуа, уӕд тагъд рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министрад ацӕудзӕн ног бынатмӕ", — банысан кодта президент.

Бибылты Анатолий бафтыдта, зӕгъгӕ, бюджетон кусджыты мызды тыххӕй закон, кӕцы бандавдзӕн министрады кусджытӕм дӕр, ныридӕгӕн цӕттӕ у, фӕлӕ ӕнӕ Уӕрӕсейы финансон ӕххуысӕй уымӕн сӕххӕстгӕнӕн нӕй. Законы проекты ис, мызд арӕзт кӕй цӕудзӕн куысты стажмӕ гӕсгӕ.

Награды работникам Минсельхоза Южной Осетии

Фембӕлды кӕрон республикӕйы сӕргълӕууӕг радта майдантӕ ӕмӕ кады грамотӕтӕ хъӕууон хӕдзарады хуыздӕр кусджытӕн.

"Мах стӕм хъӕууонхӕдзарадон республикӕ, хъуамӕ саразӕм афтӕ, цӕмӕй хъӕуы цӕрджытӕ ӕмӕ фермертӕн уа фадат кусынӕн. Проблемӕтӕ алыхатт дӕр уыдзысты — нӕ хӕслӕвӕрд у сӕ нымӕц фӕкъаддӕр кӕнын", — банысан кодта президент.