Фыццæгтæ Дзæуджыхъæуы: Цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой дæс "сыгъзæрины"

Хуссар Иры командæйы сконды архайдтой 20 боксеры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æрыгон боксертæ расгуыхтысты горæт Дзæуджыхъæуы фыццагады. Тохты Цхинвалы спортивон кад хъахъхъæдтой Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы æмæ Спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгæнинæгтæ.

Турнир балхынцъ ис хуыцаубоны, 18 ноябры.

"Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæй аст лæппуйы райстой сыгъзæрин майдантæ. Уыдонæй авд расгуыхтысты 2007-2008 азы гуырд боксертæ. Боксер Хъæцлæуты Рауль нын ссис турниры фидыц, уый чемпионы ном райста æртæ тох рабмулгæйæ, мах та йæ арвыстам æрмæст йæ тыхтæ бафæлварынмæ. Ноджы ма фондз лæппуйы та рамбылдтой дыккаг бынæттæ", — загъта боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Уæрæсейы тыхджындæртæ: цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир

Скъолайы аннæ тренер Дзигойты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, уыдон турниры фæстиуджытæм гæсгæ "бакусдзысты сæ рæдыдтытыл æмæ радон турнирмæ боксерты ракæндзысты æндæр æмвæзадмæ".

Дзæуджыхъæуы гом фыццагады уæлахиздзауы номæй уæлдай ма ноджы сæрмагонд приз рамбылдта Ӕлборты Сослан.

"Уæрæсейы фыццагады финалист Ӕлборты Сослан Дзæуджыхъæуы фыццагады бацыд хуыздæр боксерты нымæцмæ æртæ тохы рамбулгæйæ, уый райста "Хузыдæр техникæ"-йы тыххæй сæрмагонд хорзæх. Фыццаг бынат ма æрхаста Бестауты Аслан дæр. Дыууæйæ та ссисты призертæ", — загъта спорты галуан "Олимп"-ы боксы секцийы тренер Санахъоты Аслан.

Спорты галуан "Олимп"-ы боксертæ

Дзæуджыхъæуы гом фыццагад боксæй цыд 15-18 ноябры. Хуссар Иры командæйы сконды архайдтой 20 боксеры бæрц.