Цӕгаткавказаг ӕвзонг журналисттӕ ӕрцӕудзысты форуммӕ Дзӕуджыхъӕумӕ

"Алания Медиа - 2018" форумы фӕлгӕтты ӕвзонг журналисттӕн ауадздзысты лекцитӕ ӕмӕ алыгъуызон здӕхтыты мастер-класстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Цӕгат Кавказы журналисттӕн форум "Алания Медиа — 2018" райдайдзӕн дыццӕджы, 20 ноябры, Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Форум, кӕцы уагъд цӕуы ӕртыккаг аз, здӕхт у сбӕрӕг ӕмӕ баххуыс кӕнынмӕ курдиатджын ӕвзонг журналисттӕн. Ацы аз хайад райсыны фӕдыл куырдиӕттӕ бадӕттой Цӕгат Кавказы 160 журналисты 18-30 азы кары. Форумы хайадисджыты ӕхсӕн сты делегацитӕ Дагестан, Цӕцӕн, Ставрополы область, Кӕсӕг-Балхъар, Хъӕрӕсе-Черкес ӕмӕ Мӕхъӕлӕй.

Цӕгат Ир хайад райста Уӕрӕсейы журналистты цӕдисыл 100 азы сӕххӕсты бӕрӕгбоны

Форумы ӕвзонг журналисттӕн ауадздзысты лекцитӕ ӕмӕ мастер-класстӕ цыппар здӕхты: тележурналистикӕ, радиожурналистикӕ, фотожурналистикӕ, мыхуыр ӕмӕ интернет. Лекцитӕ фӕрсдзысты Ломоносовы номыл МПУ ахуыргӕнджытӕ, афтӕ ма Хӕдбар радиофидиуӕны фонд, Уӕрӕсейы журналистты цӕдис, Ӕхсӕнадӕмон телеуынынад ӕмӕ радиофидиуӕны минӕвӕрттӕ дӕр.

Афтӕ ма форумы фӕлгӕтты ацӕудзӕн ӕвзонг журналистты конкурс "Ӕвзонг Кавказ".

Мадзалы организатортӕ сты регионалон ӕхсӕнадон фӕсивӕдон организаци "Аланийы ӕвзонг журналистты ассоциаци", РЦИ-Аланийы мыхуыры комиттет, РЦИ-Аланийы фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитет, Хетӕгкаты Къостайы номыл ЦИПУ, РЦИ-Аланийы журналистты цӕдис, курдиатджын сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕдӕн ӕххуысы фонд "Национ хӕзна".