Хуссар Иры хъӕутӕй иуы цӕрӕджы хӕдтулгӕйы ссардтой ӕнӕлегалон хӕцӕнгарз

Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой АК – 47 автомат хӕстӕрмӕджытимӕ, афтӕ ма Макаровы пистолет дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ӕрцахстой Дменисы хъӕуы 47-аздзыд цӕрӕджы хӕцӕнгарз ӕвӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

Фыдгӕнӕджы ӕрцахстой рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы стационарон посты ТЭК-ы. Басгӕрсты рӕстӕджы хӕдтулгӕйы ссардтой: АК — 47 автомат хӕстӕрмӕджытимӕ, афтӕ ма Макаровы пистолет дӕр.

1 / 4
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕрцахстой Дменисы хъӕуы 47-аздзыд цӕрӕджы хӕцӕнгарз ӕвӕрыны тыххӕй
2 / 4
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕрцахстой Дменисы хъӕуы 47-аздзыд цӕрӕджы хӕцӕнгарз ӕвӕрыны тыххӕй
3 / 4
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕрцахстой Дменисы хъӕуы 47-аздзыд цӕрӕджы хӕцӕнгарз ӕвӕрыны тыххӕй
4 / 4
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕрцахстой Дменисы хъӕуы 47-аздзыд цӕрӕджы хӕцӕнгарз ӕвӕрыны тыххӕй

Нӕлгоймаджы ма раздӕр дӕр ӕрцахстой алыгъуызон уӕззау фыдракӕндты тыххӕй, бадтис ахӕстоны республикӕйы территорийыл ӕмӕ йӕм стыр хъусдард уыд здӕхт мидхъуыддӕгты органты кусджытӕй.