Плиты Иссæйы номыл турнир шашкæтæй рамбылдта Знауыры районы минæвар

Хъазты хатдзæгтæм гæсгæ иууыл фылдæр баллтæ æрæмбырд кодта Знауыры районæй хъазæг Плиты Хазби, чысыл мæгуырдæр хатдзæгтæ равдыста спорты мастермæ кандидат Тедеты Николай, призерты нымæцмæ ма бацыд Джиоты Руслан дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы фæбæрæг сты номдзыд инæлар, Советон цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголы республикæйы хъайтар Плиты Иссæйы райгуырдыл 115 азы сыххæсты цытæн æппæтреспубликон турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ шашкæтæй.

Плиты Иссæйы номыл турнир шашкæтæй рамбылдта Знауыры районы минæвар

Ерысты архайдтой республикæйы тыхджындæр шашисттæ.

"Гом ерыстæ не сты, фæхуыдтам республикæйы тыхджындæр хъазджыты – æдæппæтæй 12 шашисты. Мах уымæй кад кæнæм 20 æнусы иууыл дзырддзæугæдæр иронæн, афтæ схуыдта Плиты Иссæйы Арктикæйы сæттæг Кучиты Юрий. Дзæуджыхъæуы йæ номыл ауагътой цалдæр спортивон мадзалы æмæ мах дæр бамбал стæм ацы хъуыддагмæ", — загъта Шашкæты федерацийы хистæр Лолоты Борис.

Хъазты хатдзæгтæм гæсгæ иууыл фылдæр баллтæ æрæмбырд кодта Знауыры районæй хъазæг Плиты Хазби, чысыл мæгуырдæр хатдзæгтæ равдыста спорты мастермæ кандидат Тедеты Николай. Призерты нымæцмæ ма бацыд Джиоты Руслан.

Плиты Иссæйы номыл турнир шашкæтæй рамбылдта Знауыры районы минæвар

Плиты Иссæйы райгуырдыл 115 азы сыххæсты цытæн æппæтреспубликон турниры шашкитæй сарæзта Цхинвалы районы физикон культурæ æмæ спорты хайад Шашкæты федерациимæ иумæ.

1 / 3
Плиты Иссæйы номыл турнир шашкæтæй
2 / 3
Плиты Иссæйы номыл турнир шашкæтæй
3 / 3
Плиты Иссæйы номыл турнир шашкæтæй