Хуссар Ир бафысдзӕн Луганскимӕ ӕхсӕнпаддзахадон бадзырд

Амӕйразмӕ республикӕ бафыста ӕхсӕнхицауадон бадзырд ДАР-имӕ, ныртӕккӕ боны фӕткы ис бафыссын аналогион документ ЛАР-имӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕимӕ (ЛАР) ахастытӕ уӕрӕх кӕндзысты, бӕстӕты сӕргълӕуджытӕ бадзырдтой бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ бафыссын бадзырд, хъусын кӕны РХИ президент Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Хуссар Иры президент хайад райста Луганскы сӕргълӕууӕджы инаугурацийы

Бибылты Анатолий ӕртыццӕджы хайад райста ЛАР сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник йӕ хӕсадмӕ бахизыны церемонийы. Церемонийы фӕстӕ брифингы президент банысан кодта, ныридӕгӕн кӕй ныхас кота ЛАР сӕргълӕууӕгимӕ ӕмӕ фидарӕй загъта, Цхинвал ӕмӕ Луганскы ӕхсӕн ахастытӕ кӕй райсдзысты ног динамикӕ.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ республикӕты ӕхсӕн ахастытӕ уӕрӕх кӕндзысты. Мах баныхас кодтам Леонид Пасечникимӕ нӕ паддзахадты хсӕн бадзырд бафыссыны тыххӕй. Уый тыххӕй ныридӕгӕн радтам ӕмбӕлгӕ фӕдзӕхсттӕ", — загъта президент.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Хуссар Ирыстон ныридӕгӕн бафыста ӕхсӕнхицауад бадзырд ДАР-имӕ — фарон майы РХИ ӕмӕ ДАР лидертӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Александр Захарченко бафыстой Донецкы хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.