Актуалон фарст: Цхинвалы мэр ног комплексы фатерты уӕрсты тыххӕй

Хуссар Ирыстоны столицӕйы мэр радзырдта, ног азмӕ цалдӕл бинонтӕн фадат кӕй уыдзӕн бацӕуын ног фатертӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы мэрийы цӕрӕнуатон къамис ныридӕгӕн басгӕрста фондзсӕдӕ адӕймаджы, кӕцыты фӕнды райсын фатертӕ Хъайтарты уынгыл ног цӕрӕнуатон комплексы, загъта столицӕйы мэр Коцты Алан.

Иумӕйагӕй, Хъайтарты уынгыл цӕрӕнуатон комплексы дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары ис 200 фатеры. Цӕрӕнуаты иумӕйаг фӕзуат у 20 мин квадратон метр. Хӕдзӕртты арӕзтадӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн кодтой ӕрдӕг миллиард сомӕй фылдӕр.

"Уый цымыдис кӕны ӕнӕхъӕн горӕты. Мах хъуыды кодтам, ныридӕгӕн кӕй хъуамӕ фӕуыдаиккам уӕрст фатертӕ, фӕлӕ иу адӕймаджы басгӕрстыл дӕр хардз кӕнӕм бирӕ рӕстӕг. Басгӕрстам 480 бинонты, фӕлӕ ӕлхынцъон номхыгъдтӕ нырма нӕ сарӕзтам, уый тыххӕй ӕмӕ нырма нӕ равзӕрстам 200 бинонты, кӕцытӕ райсдзысты фатертӕ", — загъта Коцты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕ хатт къамисы уӕнгтӕ ацӕуынц басгӕрстмӕ ӕмбӕстӕгты пропискӕйы бынатмӕ, фӕлӕ бынаты ничи разыны ӕмӕ бахъӕуы агурын адӕмы цалдӕр адресыл.

Афон у: Хуссар Иры столицӕйӕн фӕзындзӕн йӕхи бӕрӕгбон

Мэр банысан кодта, зӕгъгӕ, декабры уыдзӕн гӕнӕн зӕгъын цӕрӕнуаты уӕрсты райдайӕны дырыс ӕмгъуыд.

"Ӕз нырма хайад нӕ исын къамисы куысты, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ нырма нӕ фесты", — банысан кодта Коцты Алан.

Уый бахахх кодта, цӕрӕнуатон къамис, сӕйраджыдӕр, кӕй сгары адӕмы документтӕ — ис сын цӕрӕнуат, кӕнӕ та йӕ фӕстаг фондз аз ауӕй кодтой ӕви нӕ.

"Уыдон басгары Юстицийы министрад дӕр. Алцыдӕр хорз куы вӕййы, уӕд та басгарынц цӕрӕнуатон уавӕртӕ", — загъта Цхинвалы мэр.

Мэр радзырдта, ног азмӕ цалдӕр бинонтӕн фадат кӕй уыдзӕн бацӕуын ног фатертӕм.

Коцты Алан фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, фатертӕ чи райса, уыдон номхыгъд ныммыхуыр кӕндзысты ДИФ-ы — "мах ницы ӕмбӕхсӕм".